Вести. Аланийы хабæрттæ Мæздæджы арæзт æрцыдысты Цæгат кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ эстетикон гимнастикæйæ

15 мая 2024, 11:37

Мæздæджы арæзт æрцыдысты Цæгат кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ эстетикон гимнастикæйæ. Ерысты архайынмæ æрбацыдысты 8 горæты минæвæрттæ Уæрæсейы 4 субъектæй, – æдæппæтæй 150 адæймаджы. Дыууæ боны гимнасткæтæ ерыс кодтой алы кары категориты. Жюрийы уæнгтæ кастысты техникæмæ, артистизммæ, стæй гимнасткæтæ иумæ куыд архайынц, уымæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация